филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
22 апреля 2025, 10:36
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ хъармгæнæн сезон

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы дондзæуæн куыстуаты директор Хъараты Тимур

Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ хъармгæнæн сезон. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы дондзæуæн куыстуаты директор Хъараты Тимур. Цæгат Ирыстоны æмтгæй райсгæйæ хъармгæнæн сезон фæуыдзæн 10 боны æмгъуыдмæ. Бæлвырдæй кæд, уый хъуамæ снысан кæной муниципалон скондтæ сæхæдæг, зæгъы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Грипп æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц 4 къуырийы кæны къаддæр. Коронавирус 3-аг къуыри никæмæ рабæрæг. Ацы бæрæггæнæнтæ æрхаста Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг. Аппаратон æмбырды æрдзырдтой уалдзыгон-быдырон куыстытыл дæр. Хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан куыд загъта, афтæмæй уал уалдзыгæндтæ байтыдтой 2 мины æмæ 5 сæдæ гектары. Къуырийы фæстæ бавналдзысты нартхор тауынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania