Цæуынц æртæ дисциплинæмæ гæсгæ: манежыл цыд, кросс æмæ конкур. Архайынц дзы нæ бæстæйы 5 регионы минæвæрттæ
Бæхыл бадыны спортивон скъолайы арæзт æрцыдысты, Уæрæсейы сгуыхт тренер Хъыбызты Фердинанды номарæн æппæтуæрæсеон ерыстæ. Цæуынц æртæ дисциплинæмæ гæсгæ: манежыл цыд, кросс æмæ конкур. Архайынц дзы нæ бæстæйы 5 регионы минæвæрттæ. Турнир фæуыдзæн абон.
Фыццаг манежы фæзындысты барæг Хъуысаты Алан æмæ йæ бæх. Ацы ерысты сын тæрхонгæнджытæ аргъ кæнынц сæ арæхстдзинадæн æмæ кæрæдзийы куыд æмбарынц, уымæн. Бæхыл бадыны ерысты 16 архайæджы сæ цæттæдзинад равдыстой республикæйы бæхты-спортивон скъолайы манежы.
Уæрæсейы сгуыхт тренер Хъыбызты Фердинанды номыл бæхтыл бадыны ерыстæ цæуынц æртæ боны. Йæ фæрцы скъола йæ хуыз аивта. Спорты ацы хуызы чи архайы, уыдоны рæнхъытæ та зынгæ фæфылдæр сты. Турнир райдыдта барджыты æмæ бæхты парадæй. Афтæмæй æрымысыдысты Хъыбызты Фердинанды ном.
Ерыстæм се вæрæн бахастой Цæгат Ирыстоны æмæ Краснодары крайы иугонд командæтæ. Спортсментæ ерыс кæнынц æртæ дисциплинæйы – манежы цыд, кросс æмæ конкур. Альберт Зубков бæхтыл спортæн радта 35 азы æмæ абоны онг йæ равзæрст спортыл йæ зæрдæ нæ сивта.
Ерысты дыккаг æмæ æртыккаг бонтæ спортсментæ ерыс кæнынц кроссæй æмæ конкурæй. Кросс у сæйраг фæлварæн, уый æвдисы бæх цас тыхджын æмæ фæразон у, уый. Турниры кæронбæттæн барджытæ сæхи фæлварынц цæлхдурты сæрты хизынæй.
Олимпаг спорты хуызы ерыстæ фæнд кæнынц традицион скæнын. Радон турнир уыдзæни октябры, спортивон сезон сæхгæныны кадæн.
