филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:56 суббота, 31 января 2026
30 апреля 2025, 10:37
Ирыстойнаг математикты æнтыстдзинæдтæ

Илаты Артур сси æппæтуæрæсеон олимпиадæйы уæлахиздзау математикæйæ, Родион Казанский та фæуæлахиз Кавказы математикон олимпиадæйы

Ирыстойнаг математикты æнтыстдзинæдтæ. 5-æм гимназы 8-æм къласы ахуырдзау Илаты Артур сси æппæтуæрæсеон олимпиадæйы уæлахиздзау математикæйæ. Физикон-математикон лицейы 8-æм къласы ахуырдзау Родион Казанский та фæуæлахиз Кавказы математикон олимпиадæйы. Лæппутæ уæлæмхасæн архайынц центр «Вершина»-йы. Æвзонг математикты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

8 зын хæслæвæрды сæххæст кæнынæн – 10 сахаты. Æппæт ацы фæлварæнтимæ  æнцонтæй сæххæст кодта æппæтуæрæсеон олимпиадæйы призер математикæйæ Илаты Артур. Бæлвырд наукæтæм 5-æм гимназы ахуырдзау йе ргом раздæхта 4-æм къласы. Уæдæй нырмæ, горæты, республикæйы æмæ регионты хсæн олимпиадæты иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдта. Сæйраг интеллектуалон ерысмæ Артур цæттæ кæнын райдыдта январы. Ахуырадон центр «Вершина»-йы куыста йæхиуыл, фылдæр кодта йæ зонындзинæдтæ. Кæронбæттæны скъоладзау райста æппæты бæрзонд баллтæ.

Артуримæ иумæ центр «Вершина» – йы архайы Родион Казанский дæр. У республикæйы физикон-математикон лицейы ахуырдзау. Мартъийы сси Кавказы математикæйæ олимпиадæйы уæлахиздзау. Ацы аз Родион йæ размæ сæвæрдта бирæ хæстæ æмæ нысантæ. Сæ сæйрагдæр Æппæтуæрæсеон олимпиадæмæ иттæг хорз бацæттæ кæнын æмæ Артуры хуызæн республикæмæ хæрзиуæг сласын.

Скъоладзауты хсæн олимпиадæйы архайдта 5 сæдæ сывæллонæй фылдæр, бæстæйы æппæт регионтæй. Къуырийы дæргъы хистæркъласонтæ сæ тыхтæ æвзæрстой   интеллектуалон ерысты. Олимпиадæ арæзт уыди дыууæ теоретикон турæй. Призертæ райсдзысты бæстæйы профилон уæлдæр ахуыргæнæндæттæй кæцымæ фæндыдæр æнæ фæлварæнтæй бацæуыны фадат.

Фæсивæд «Вершина»-йы архайынц уæлæмхасæн ахуырады педагог Чсиаты Асланы разамындæй. Куыд зæгъы, афтæмæй скъоладзаутæ сты тынг курдиатджын, æнхъæлмæ сæм кæсы стыр фидæн. Артур æмæ Родион та уал ныртæккæ сæ фæллад суаддзысты, уый фæстæ та бабæрæг кæндзысты центр «Сириус»-ы рад, стæй сæрдыгон профилон скъолатæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania