Экспозицийы фенæн ис — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фронты æмæ фронты фæсчъылдымы 32 архайæджы биографитæ æмæ портреттæ
Стыр Уæлахизы 80 азы бæрæгбон ахицæн, фæлæ йæ кадæн мадзæлттæ нæ фесты, æмæ цæудзысты афæдзы дæргъы. Афтæ Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты байгом равдыст «Уæлахизы Хъæбатыртæ — фæллойы Хъайтартæ». Экспозицийы фенæн ис — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фронты æмæ фронты фæсчъылдымы 32 архайæджы биографитæ æмæ портреттæ. Уымæй дарддæр дзы сты Уæрæсейы 7 хъæбатыры — сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Равдыст саразджытæ бацархайдтой социалистон фæллойы хъæбатырты тыххæй радзурыныл. Уыдон стыр æвæрæн бахастой адæмон хæдзарады, культурæйы, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ ахуырады къабæзты рæзтмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы егъау куыст у университеты æмæ Цæгат Ирыстоны профцæдисты федерацийы иумæйаг фæллой. Мадзал байгом кæныны фæстæ ЮНЕСКО-йы залы арæзт æрцыд æмбырд. Сæйраг темæ — салдæтты хъæбатырдзинад фронты æмæ фронты фæсчъылдымы архайджыты ахадгæ фæллой.




