филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:15 вторник, 03 ноября 2026
10 мая 2025, 09:07
Хæзныдоны, æрвылазон традицимæ гæсгæ, арæзт æрцыд Стыр Уæлахизы кадæн мадзал

Футболон турниры архайдтой 4 командæйы

Хæзныдоны, æрвылазон традицимæ гæсгæ, арæзт æрцыд Стыр Уæлахизы кадæн мадзал. Футболон турниры архайдтой 4 командæйы. Уымæй дарддæр хъуыстысты хæстон азты зарджытæ. 58-æм æфсады хъæппæрисæй та ацаходæн уыд быдырон цæлгæныны хæринæгтæй — салдаты касæй æмæ адджын цайæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сывæллæттæ хæсты тыххæй цы постановкæтæ æмæ æмдзæвгæтæ бацæттæ кодтой, уыдон адæмы зæрдæты æвзæрын кодтой арф æнкъарæнтæ. «Поклонимся матери солдата» — æмдзæвгæтæ æрыгон кæсджыты республикон конкурсы алы аз дæр фаархайынц скъоладзаутæ Цæгат Ирыстоны алы районтæй.  Бирæтæ фыццаг хатт рацыдысты сценæмæ — алы дзырд дæр загъд уыд зæрдæйæ.

Традицион чи сси, уыцы мадзал ацыд Уæлахизы боны кадæн. Фааразынц æй, хъæуы «Салдаты мадæн» цыртдзæвæн куы байгом, уæдæй нырмæ. Бирæ азты размæ хæзныдойнаг Хъамболты Мысирæт райста фыстæг, йæ фырт æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ. Мады зæрдæ не *ууæндыд — æнхъæлмæ йæм каст, фæлæ хæстон нæ сыздæхт. Цыртдзæвæн сси мысинæгты æмæ хъыгдзинады бынат. Йæ хъæбулы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфта, уыцы мады хорз *мбары Хæмыцаты Лейлæ — уымæн йæ фырты цард аскъуыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы.

Хæмыцаты Лейлæ йæхимæ райста сæрмагонд хæс — ссыгъта «мысæн цырагъ». Кадджын мадзалы архайдта республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ.

Мадзалы фæлгæты ма традицимæ гæсгæ арæзт æрцыд æрвылазон турнир футболæй. Архайдтой дзы 4 командæйы. Турнирæй рауади иудзинады бæрæгбон. Дардмæ хъуыстысты адæмæн зындгонд æмæ уарзон хæстон зарджытæ.

Дардмæ цыд быдырон цæлгæнæны хæрздæф. 58-æм æфсады минæвæрттæ æрцæттæ кодтой салдæтты кас æмæ адджын цай. Мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм конкурстæ æмæ турниртæ æрыгон фæлтæры ахуыр кæнынц ахсджиаг хъуыддæгтыл — зæрдылдарыныл, кад кæныныл æмæ сæрбæрзонд уæвыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania