филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:46 вторник, 03 ноября 2026
10 мая 2025, 09:10
Уæлахизы боны агъоммæ гæдыбæлас ныссагътой Дзуарыхъæуы Гæздæнты æфсымæртæн цыртдзæвæны цур

Тала сластой Волгоградæй

Уæлахизы боны агъоммæ гæдыбæлас ныссагътой Дзуарыхъæуы Гæздæнты æфсымæртæн цыртдзæвæны цур. Тала сластой Волгоградæй. Ныссагъта йæ республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæдивæг Хъамырзаты Зауыр. Мадзалы ма архайдтой прокуратурæйы, бынæттон администрацийы минæвæрттæ, футболы академи «Алани»-йы хъомылгæнинæгтæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Ацы тала у, суанг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ кæй ныссагътой, ахæм гæдыбæласы фæдон. 1943-æм азы йæ Сталинграды сбæрæг кодтой горæт куы суæгъд кодтой, уый фæстæ. Цæмæй уникалон бæлас бахъахъхъæной, уый тыххæй йын сфæнд скодтой клонтæ скæнын æмæ таладон саразын. Уыдонæй иу сластой Цæгат Ирыстонмæ. Æдæппæтæй та бæстæйы регионты фæзындзæн 80 ахæм талайы. Акци арæзт у Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania