Бæрæгбон нысан кæны, Меккæмæ хадзы ацæуыны рæстæг кæронмæ кæй æрхæццæ, уый
Цæгат Ирыстоны пысылмæттæ бæрæг кæнынц Хъуырман-Байрам. Бæрæгбон нысан кæны, Меккæмæ хадзы ацæуыны рæстæг кæронмæ кæй æрхæццæ, уый. Ацы бон баст у пехуымпар Ибрахимы кадимæ. Дзæуджыхъæуы Суниттаг мæзджыты райсомы скуывдмæ æрæмбырд сæдæгай адæмтæ. Хъуырман-Байрам фæбæрæг кæнынц æртæ боны. Уырнæг адæм бабæрæг кæнынц хиуæтты, хæстæджыты, рынчынты. Кæрæдзийæн скæнынц лæвæрттæ. Республикæйы пысылмæттæн бæрæгбоны арфæтæ ракодта Сергей Меняйло: «Хъуырман-Байрамы бонтæ уын уæ зæрдæ байдзаг кæнæд уарзондзинадæй æмæ кæрæдзийы æмбарынадæй. Не сфæлдисæг уæ схорзæх кæнæд æнæниздзинадæй æмæ амондæй. Ацы рухс бæрæгбон уæ хæдзæртæ дзаг уæд хъарм ахастдзинæдтæй», – загъд ис республикæйы разамонæг Сергей Меняйлойы арфæйы фыстæджы.




