филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:37 суббота, 31 января 2026
26 июня 2025, 10:37
Республикæйы модулон арæзтæдтæ скæныны фарстатыл ныхас цыди, Дзанайты Барис разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды.

Паддзахадон программæ «Туризмы райрæзт»-ы фæлгæты, стæй национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад»-ы Цæгат Ирыстон æнтыстджынæй ацыди конкурсон æвзæрстытæ

2025-æм 27-æм азты республикæйы модулон арæзтæдтæ скæныны фарстатыл ныхас цыди, Дзанайты Барис разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды. Паддзахадон программæ «Туризмы райрæзт»-ы фæлгæты, стæй национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад»-ы Цæгат Ирыстон æнтыстджынæй ацыди конкурсон æвзæрстытæ. Хорзыл нымад æрцыдысты 9 проекты, æххæстгонд æрцæудзысты Алагиры æмæ Горæтгæрон районты, стæй Дзæуджыхъæуы. Сæ иумæйаг аргъ у 2 млрд æмæ 7 милуан сомы бæрц. Нысанмæ гæсгæ, хъуамæ байгом уа фысымуаты 7 сæдæ номеры. Дзанайты Барис зæрдыл æрлæууын кодта, туризмы райрæзт раздæрау у республикæйы фыццаградон хæстæй иу. Федералон программæты фæлгæты стыр куыст цæуы регионмæ туристы æргом здахынмæ. Ахадгæдæр мадзæлтты хсæн – модулон фысымуæттæ аразынæн гранттæй æххуыс кæнын. Хъуамæ пайда уой республикæйы цæрджытæн дæр æмæ уазджытæн дæр, дæттой куысты бынæттæ, бюджетмæ хæссой æфтиæгтæ æмæ ахадой экономикæйы рæзтыл. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, хицауады сæрдар экономикæйы рæзты министрадæн бахæс кодта, дзуапдæттæг ведомствæтимæ иумæ бакусын проекттæ саразынæн зæххы хæйттæ радих кæныны фарстайыл. Кусæг къордæн бæлвырдгонд бынæттæм хъуамæ уа цæугæ æмбырдтæ, æмæ уым бæстон анализ кæной проекттæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania