филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:53 среда, 17 декабря 2025
15 июля 2025, 10:35
Афæдзы размæ Дзæуджыхъæуы сарæзтой мониторинг

Бæлвырд кодтой, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн уавæртæ

Афæдзы размæ Дзæуджыхъæуы сарæзтой мониторинг. Бæлвырд кодтой, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн уавæртæ. Уæд бирæ ныфсытæ æвæрд æрцыд, фæлæ хъуыддагыл уавæр нæ аивта. Пандустæ раздæрау нæ бæззынц, кæртытæ æдас не сты, æмæ æрмæст уый нæ. Фарон цы риссаг фæрстатæ рабæрæг сты, уыдон актуалон сты абон дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы видео афæдзы размæ ист у. Цæллагкаты Жаннæ зынтæй хизы Джыккайты Шамилы уынджы фæндаггон цæлхдуры сæрты. Тротуарæй æрхизæн ис фистæгæйцæуæн хайы тигъыл. Фылдæр пандусы нæ, фæлæ трамплины хуызæн у. Йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæ

Уæды мониорингæй ницы аивта. «Ног горæт»-ы абон раздæрау инвалидтæн æмбæлгæ фадæттæ нæй.

Магкаты Зурабы уынджы 83-æм хæдзары раз территорийы дæр ивддзинæдтæ нæй. Цæллагкаты Жаннæ куыд зæгъы, афтæмæй ахæм пандустæй пайда нæй. Иу цæлхдур ма –  донæмбырдгæнæнтæ. Къуылымпы кæнынц, æрмæст инвалидты нæ, фæлæ коляскæтимæ ныййарджыты, ацæргæ адæмы дæр. Хъахъхъæнæн хызтæ сыл кæй нæй, уый дæр раст нæу.

Мониторинг арæзт æрцыд Иугонд Уæрæсейы партион проект «Единая страна – доступная среда»-мæ гæсгæ. Инспекци скодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы, цæрæн æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды службæйы, прокуратурæйы минæвæрттимæ иумæ.  Цæллагкаты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн зын бахауæн у дуканитæм дæр. Республикæйы цæрæн æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды службæйы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Дмитрий Кабацкийы ныхæстæм гæсгæ, ахæм фарстатæ сæвзæры проектты хæрзхъæддзинады тыххæй. Уыимæ ацыдысты экспертизæ. Дмитрий Кабацкий бахаста, æхсæнадон совет саразыны фæндон. Йæ хыгъды уыдзысты йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæм. Уыдонæн сæ бон уаид, нырма проект аразыны къæпхæныл снысан кæнын риссаг фарстатæ.

Æппæт закъонхæлдтыты тыххæй информаци фæхæццæ кæндзысты цæстдарæг оргæнтæм. Иннæ мониторинг уыдзæн фæззæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania