Абон, 16-æм июлы, Къесаты Станисалвыл хъуамæ сæххæст уыдаид 75 азы.
Йæ цардæй ахицæн Къесаты Станислав. Профессор, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультеты паддзахады æмæ барады историйы кафедрæйы сæргълæууæг, республикæйы Конституцийы автортæй иу, стæй 1993-æм азы Уæрæсейы Конституцийыл чи архайдта, уыдонæй иу. Уымæй дарддæр Къесаты Станислав уыд Цæгат Ирыстоны Уæлдæр Советы депутат, республикæйы закъонæвæрæг оргæны æртæ æмбырды депутат. 1999-æм азы майæ 2005-æм азы июны онг уыд парламенты сæрдары хæдивæг. Уый фæстæ та сси парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг. 2017-æм азы октябрæй фæстæмæ разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны Конституцион тæрхондонæн. Хорзæхджынгонд æрцыд «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты» тыххæй 1 æмæ 2-аг къæпхæны ордены майданæй, «Ирыстоны намсы» орденæй æмæ «Ирыстоны Сæраппонды» майданæй. Абон, 16-æм июлы, Къесаты Станисалвыл хъуамæ сæххæст уыдаид 75 азы.




