Уыдон архайдтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн гуманитарон æххуыс æмбырд кæныны хъуыддаджы
Мæздæджы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хайады сæмбырд кодтой æппæты активондæр волонтерты. Уыдон архайдтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн гуманитарон æххуыс æмбырд кæныны хъуыддаджы. Се ппæты дæр фæнды Фыдыбæстæйæн, нæ хъæбатыр лæппутæн, æмæ сæ бинонтæн баххуыс кæнын. 40 арфæйы фыстæгæй фылдæр радтой алы кары æмæ дæсныйæдтыл хæст активисттæн. Мадазалы амонæг — фæлтæрдджын æхсæнадон кусæг Валентина Руденко адæмы зæрдыл æрлæууын кодта Уæрæсейы бархионты змæлды нысаниуæджы тыххæй, æмæ Уæлахизмæ тырныдзинады тыххæй дæр. Æмбырды ма фæхъæздыгдæр кодтой æвзонг волонтерты рæнхъытæ. Амæй фæстæмæ сæ хыгъды уыдзæн Мария Аветисова. Уымæй дарддæр ма, активон æфсæддон патриотон куысты тыххæй, кадджын уавæры радтой 5 майданы. Дыууæйæн, сæ амæлæты фæстæ. Хохойты Игоры æмæ Артур Тераваковы майдантæ радтой сæ хæстæджытæн.




