01 августа 2025, 10:33
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æхсæнадон исæнуаты уыд адæмимæ фембæлд ахуырады фарстаты фæдыл
Сæ курдиæттимæ адæм фæсидтысты Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Дзанайты Маркмæ
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æхсæнадон исæнуаты уыд адæмимæ фембæлд ахуырады фарстаты фæдыл. Сæ курдиæттимæ адæм фæсидтысты Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Дзанайты Маркмæ. Сæ фылдæр баст уыдысты сывæллæтты рæвдауæндæттæм æмæ скъолатæм бацæуыны хъуыддаджы баххуыс кæнынимæ. Дзанайты Марк куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахæм мадзæлттæ æдзух арæзт фæцæуынц. Адæмимæ фембæлдтытæ цæуынц республикæйы районты дæр.




