филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:27 вторник, 03 ноября 2026
01 августа 2025, 10:33
Фатерты – къæвда, къултыл – хъуына, пъадвалы та – уырытæ. Ахæм уавæрты цæрынц Дзанайты Иваны уынджы 55-æм хæдзары цæрджытæ

Адæм бирæ азты æнхъæлмæ кæсынц цалцæгмæ, фæлæ æххуысы бæсты исынц ног лыггæнинаг фарстатæ

Фатерты – къæвда, къултыл – хъуына, пъадвалы та – уырытæ. Ахæм уавæрты цæрынц Дзанайты Иваны уынджы 55-æм хæдзары цæрджытæ. Адæм бирæ азты æнхъæлмæ кæсынц цалцæгмæ, фæлæ æххуысы бæсты исынц ног лыггæнинаг фарстатæ. Фæсидтысты адæмон фронтмæ. Æхсæнадон архайджытæ сарæзтой рейд æмæ снысан кодтой риссаг фарстатæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Саутæты Иринæйæн йæ сыхæгтимæ ис иухуызон лыггæнинаг фарстатæ. Дзанайты Иваны уынджы 55-æм хæдзары уæллаг уæладзгуыты цæрджытæ тыхсынц бæстыхайы сæрæй дон кæй хъары, уымæй. Фатерты уымæладæй хæлы цалцæг, фæзыны хъуына. Иринæ йæ бинонтимæ цæры 5-æм уæладзыджы. Куыд зæгъы, афтæмæй уавæр уæззаудæр вæййы къæвдаты сезон куы райдайы, уæд.

Уыдон бирæфатерон хæдзары се *ппæт лыггæнинаг фарстатæ не сты. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй 53 азмæ дзы бындурон цалцæг никуы уыд, зылд нæ уыд коммуникацион хызтæм дæр. Кæлæддзаг хæтæлтæ ивинаг сты, фæлæ бæрнон службæтæм курдиæтæ не *ххуыс кæнынц. Адæм тыхсынц, хæтæлтæй иу атыдта. Цалдæр пъадвалы донæй байдзаг сты. Уырдæм бацæуæн æрмæст доны тыххæй нæй, фæлæ дзы уырытæ, къогъотæ æмæ хæлынбыттыртæ кæй ис, уый тыххæй.

Адæм хъаст кæнынц, кæрты хъазæн фæзтæ кæй нæй, уымæй дæр. Бирæфатерон хæдзары сывæллæттæ бирæ ис. Цæрджыты фæнды, цæмæй кæрты территори саив кæной, бындуронæй сцалцæг кæной бацæуæнтæ. Сæ риссаг фарстатимæ фæсидтысты адæмон фронтмæ.

Гæнæн ис, æмæ афтæмæй бантысдзæн риссаг фарстаты иу хай алыг кæнын. Адæмон фронты минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бирæфатерон хæдзары уавæрмæ цæст дардзысты. Уымæн æмæ ахæм уавæрты цæрын не *мбæлы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania