филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 понедельник, 15 декабря 2025
01 августа 2025, 10:34
Хъæздыг программæ бацæттæ кодтой фæсивæдон лагерь «Фидæн»-ы архайджытæн

Дзæбæхгæнæн центр Махческы йæ дуæрттæ байгом кодта фыццаг 50 сывæллонæн

Æфсæддон-патриотон хъуыддаг, бæстæзонынад æмæ балцытæ, хъæууонхæдзарадон хъуыддаг, агурæн архайд, мультипликаци, иппотерапия æмæ культурон мадзæлттæ. Ахæм хъæздыг программæ бацæттæ кодтой фæсивæдон лагерь «Фидæн»-ы архайджытæн. Дзæбæхгæнæн центр Махческы йæ дуæрттæ байгом кодта фыццаг 50 сывæллонæн. Уыдзысты дзы æхсæвæй-бонæй. Рад ахæсдзæн 18 боны. Лагерь байгом дзæбæхгæнæн кампани æххæстгæнгæйæ. Сси нацпроект «Фæсивæд æмæ сывæллæтты» хай. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Афтæ равзæры иудзинады фыццаг æнкъарæн. Æнæзонгæ сывæллæттæ республикæйы алы рæттæй систы æнгом къорд. Ног лагерь «Фидæн»-ы ис 2 отряды: «Хæхты сывæллæттæ» æмæ «Ирæттæ размæ». Нæмттæ сын хъомылгæнинæгтæ сæхæдæг равзæрстой. Ацы фæлтæр лагерæн у йæ фыццаг.

Лагерь байгом кæныны кадджын мадзалы бæрæгбоны программæ бацæттæ кодтой хъомылгæнинæгтæ сæхæдæг. Сарæзтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, равдыстой, къуырийы дæргъы цæуыл сахуыр сты,  уый. Лагеры кусынмæ æрбамбырд кодтой хъæуы цæрджыты.  Уый у «Фидæн»-ы хицæндзинад. Йæ саразджытæ нысан кодтой ахуырдзаутæн хохаг чысыл скъолайы  байгом кæнын сæрдыгон фæлладуадзæн бынат. Æвзæрст æрцыд Махческ. Бынæттон цæрджыты хæдзарæдтæ бабæрæг кæнын у ахуырадон программæйы хай.

Гецаты Валентинæ æмæ Темыраты Анжелæ чызджыты ахуыр кæнынц цыхт ахсын. Сылгоймæгтæ цæрынц Махческы, дыууæйæн дæр æхсызгон у,  сæрды дæр скъолайы сывæллæттæ кæй ис, уый. Хъæуы рæзгæ фæлтæрæн дæр фæзынд фадат фæлладуадзæн рæстæг хъæлдзæгæй арвитынæн æмæ ног хæлæрттæ ссарынæн.

Хъæуы скъола сцалцæг кодтой 3 азы размæ. Зонындзинæдтæ дзы исынц 24 ахуырдзауы. Кълæстæй лагеры тыгъдад саразын æнцон хæс нæ уыд, фæлæ йæ саразджытæн бантыст. Уалдзæджы математикæ æмæ уырыссаг æвзаг кæм ахуыр кодтой, уым сæрды сабитæ уадзынц сæ фæллад. Фæззæджы та ахуыргæнæдонмæ ногæй тагъд кæндзысты хъæуы сывæллæттæ зонындзинæдтæ исынмæ.

Лагерь байгом кæнын у республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны кусджыты хъæппæрис. Уым бацæттæ кодтой раздзогты.  Хъомылгæнинæгтæй чысыл хистæр йеддæмæ не сты.  Лагерь байгом сывæллæттæн се *нæниздзинад фидар кæныны æмæ сæрдыгон хохы фæллад уадзыны фадæттæ аразыны программæ æххæстгæнгæйæ. «Фидæн» у национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæтты» хай. Лагеры архайджытæ сæ фæллад уаддзысты 18 боны, сараздзысты дзы 2 фæлтæры.

Лагерь ирд мысинагæй баззайдзæн йæ хъомылгæнинæгты зæрдæты. Баиу кодта, царды кæрæдзийимæ чи нæ сæмбæлдаид, ахæм рæзгæ фæлтæры. Бесолты Арианæ Элхотæй райста арт-объекттæ аразыны фæлтæрддзинад, Ногиры цæрæг Дзæгъойты Николь ссардта ног хæлæрттæ. Ацы лæппутæн æмæ чызджытæн «Фидæн» сси уарзон бынат. Сæ зæрдæты баззайдзысты Дыгургомы рæсугъд æрдз æмæ хистæрты узæлд.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania