филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:19 вторник, 03 ноября 2026
05 августа 2025, 10:37
«Фыдæн — хъазæн» æнахуыр акци Мæздæджы сарæзтой парти «Иугонд Уæрæсейы»

Хæлардзинады æрмадзы архайынмæ æрбахуыдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы æфсæддонты сывæллæтты

«Фыдæн — хъазæн». Ахæм æнахуыр акци Мæздæджы сарæзтой парти «Иугонд Уæрæсейы» бынæттон хайад, штаб «Мы вместе»-йы бархионтæ æмæ Фыццæгты змæлды бынæттон хайады минæвæрттæ. Хæлардзинады æрмадзы архайынмæ æрбахуыдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы æфсæддонты сывæллæтты. Лæппутæ æмæ чызджытæ сæ мадæлтимæ бацæттæ кодтой хъазæнтæ сæ сæйраг хъайтартæн, райгуырæн зæхх хъахъхъæнджытæн — сæ фыдтæн. Алы сынк, хъазæны алы хай дæр сты сывæллæтты уарзондзинад æвдисæг, сæ ныййарджытæм тынг кæй æнхъæлмæ кæсынц, ууыл дзурæг.  Акцийы кæрон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ йæ архайджытæн радтой лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania