филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:15 воскресенье, 14 декабря 2025
07 августа 2025, 10:32
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыди, адæмæн куысты бынæттæ дæттыны республикон комитеты æмбырд

Ныхас дзы цыди куысты бынæттæй ифтонг кæныны паддзахадон æмæ регионалон программæтæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыди, адæмæн куысты бынæттæ дæттыны республикон комитеты æмбырд. Ныхас дзы цыди куысты бынæттæй ифтонг кæныны паддзахадон æмæ регионалон программæтæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Хицауады сæрдар куыд  фæбæрæг кодта, афтæмæй адæмы куыстæй ифтонг кæныны фарста у республикæйы разамынды фыццаградон хæстæй иу. Регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло ацы фарстамæ здахы стыр æргом. Æппæт мадзæлттæ баст сты адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ æмæ экономикæйы райрæзтимæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй фæхъомысджындæр кæнын хъæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ йе нæниздзинад хъыгдар кæмæн у, ахæм адæмы куысты бынæттæй ифтонг кæныны фарстайыл куыст. Æмбырды æрдзырдтой уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонты стажировкæйыл дæр. Хицауады сæрдар фæсидт дзуаппдæттæг оргæнтæм, æмдыхæй ацы къабазыл бакусын, уымæн æмæ зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнтæ къухы бафтдзысты æрмæстдæр æмгуыстады фæрцы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania