Физкультурæй рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй республикæй хорзæхджын æрцыдысты 9 адæймаджы
Физкультурникы боны агъоммæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиалы кад кодтой тренертæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй спортивон фæзы æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыдонæн. Физкультурæй рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй республикæй хорзæхджын æрцыдысты 9 адæймаджы. Уыдон сты, сгуыхт тренертæ æмæ спортивон федерациты президенттæ: Золойты Мæирбæг, Гаглойты Валерий, Сергей Киселев, Козаты Фатимæ, Владислав Королевский, Бекъойты Эдвæрд, Чочиты Ибрагим. Томайты Людмилæ æмæ Татраты Аслан. Алчидæр сæ æрмæст æнæниз цардыуаг нæ парахат кæны, фæлæ ма уæззау цæфтæ чи райста, уыцы æфсæддон цауты ветерантæн æххуыс кæнынц алы хъуыддаджы дæр. Уымæй уæлдай, мадзалы фæлгæты фæбæрæг кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хсæн фыццаг чемпионат «Абилимпикс»-ы, æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» Кубокы æппæтуæрæсеон турниры уæлахиздзауты дæр.




