филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:50 понедельник, 15 декабря 2025
11 августа 2025, 10:35
Йæ 90 азы бæрæг кæны авиацийы инæлар-майор Къаболаты Солтан

Уый бирæ азты уыд ветеранты Советы сæрдар

Иртæста ног хæдтæхджытæ, йæ цардæн тæссаг уавæрты. Тæхджыты училищæйæ курсантæй – Сирийы Советон Цæдисы æфсæддон тыхты сæйраг уынаффæгæнæджы хæдивæджы онг. 90-æм азты Хуссар Ирыстоны лæууыд сабырдзинады æфсады сæргъы. Йæ 90 азы бæрæг кæны 1-æм къласы æфсæддон тæхæг, авиацийы инæлар-майор Къаболаты Солтан. Юбиляры тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

90 аздзыдæй дæр – офицеры бакаст.  Къаболаты Солтан уынджы дæр цæуы плацы хуызон: сабыр къахдзæф, уæнгты змæлд, раст цыма йæ фæстæ æнæзынгæ æфсад ис, афтæ. Йæ риуыл – майдантæ æмæ ордентæ. Уыдонæй алкæцыдæр у историон цауыл дзурæг: Дард Скæсæны арвы хъæбатырдзинадыл, тæвд Сирийы ирвæзынгæнæг операцийыл … 21 аз – арвы. Авиацийы инæлар-майор йæ службæйы тыххæй дзуры сæрбæрзондæй.

Хъæдгæройнаг лæппу йæ сабибонтæй фæстæмæ бæллыд тæхæг суæвын. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг лæмбынæг каст хъæуы сæрмæ арвыл хæдтæхджытæм, фæстæдæр – уарзта хæсты ветеранты мысинæгтæм хъусын. Солтан уыцы рæстæг æнхъæл дæр нæ уыд, йæ бæллиц æй Кременчугы хæдтæхджыты училищейы къæсæрмæ *рбахондзæн, уый. Ахуыры азтæ, фыццаг хатт уæлдæфы стæхын – æрыгон офицер æмхъуыдæй раздæр райста хистæр лейтенанты цин.

Къаболаты Солтаны зæрдыл æрлæууынц йæ службæйы цаутæ. Авиацийы инæлар-майор æрымысыд  2 хатты 20 километры бæрзæнды йæ хæдтæхæг кæй нал скуыста,  иунæг хатт та йæ бахъуыд йæ хæдтæхæгæй йæхи раппарын.  Йæ фæлтæрддзинад æмæ ныфсхаст ын æххуыс уыдысты зын  сахат. 1989 азы Къаболаты Солтан нысангонд æрцыд Советон Цæдисы Æфсæддон тыхты сæйраг æфсæддон уынаффæгæнæджы хæдивæгæй.  Уæд Хæстæг Скæсæны уыд зын рæстæг. Æндæр бæстæйы арвыл ирыстойнаг тæхæг æххæст кодта йе *фсæддон хæс.

Хуссар Ирыстоны зын сахат Къаболаты Солтан æрлæууыд сабырдзинады тыхты сæргъы. Куыста хæст бауромыныл. Авиацийы инæлар-майор хорз æмбæрста, алы хъуссайраг хæдзармæ дæр  сабырдзинад раздахын кæй хъæуы, уый.

Къаболаты Солтан бирæ азты уыд ветеранты Советы сæрдар. Ныр дæр æгуыст нæу. Уæлдай цæстæнгас дары фæсивæды æфсæддон-патрионтон хъомыладмæ.  Фæлтæрты *хсæн бастдзинæдтæ фидар кæнын авиацийы инæлар-майор нымайы йæ сæйраг хæсыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania