Сæ хыгъды – сыбираг хъæдгом, фадниз æмæ æндæртæ
2025-æм азы фыццаг 6 мæймæ республикæйы ветеринарон службæ вакцинаци скодта 450 мин хъæууонхæдзарадон цæрæгойæн æмæ маргъæн инфекцион æмæ тæссаг низты ныхмæ. Сæ хыгъды – сыбираг хъæдгом, фадниз æмæ æндæртæ. Мæргъты гриппы ныхмæ прививкæтæ скодтой сæдæ æстай фондз мин цъиуæй фылдæрæн. Ацы хъуыддаг ахсджиаг у Цæгат Ирыстоны территоримæ алыхуызон низтæ ма æрбахæссынæн. Бæлвырддæр радузрдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ацы рæуæдыл цалдæр сахаты йедтæмæ нæма цæуы. Ныридæгæн фæлвары йæ къæхтыл слæууын. Горæтгæрон районы ветеринарон службæйы кусджытæ æрбацыдысты, рæуæды уавæр сбæлвырд кæнынмæ, йæ мадæн дæр хъæуы æмбæлгæ процедурæтæ сæххæст кæнын.
Черменыхъæуы чысыл фермæйы ветеринартæ арæх вæййынц. Фермер Мырыкаты Алан хæдзары цæттæ кæны цыхт – куыд ирон, афтæ æндæр хуызтæ дæр. Æмæ йын стурты æнæниздзинады уавæр ахсджиаг у. Æдзух сæм лæмбынæг цæстдард ис, афоныл сын скæнынц вакцинаци.
Хъæууонхæдзарадон фосы нысангонд вакцинаци тынг тæссаг низты ныхмæ ахсджиаг у адæмы æнæниздзинадæн дæр – фыд чи хæры, уыдонæн. Афоныл конд прививкæты фæрцы æнтысы республикæйы территоримæ алыхуызон низтæ ма æрбахæссын.
2025-æм азы фыццаг 6 мæймæ республикæйы ветеринарон службæ вакцинаци скодта 450 мин хъæууонхæдзарадон цæрæгойæн æмæ маргъæн инфекцион æмæ тæссаг низты ныхмæ. Сæ хыгъды – сыбираг хъæдгом, фадниз æмæ æндæртæ. Мæргъты гриппы ныхмæ прививкæтæ скодтой 185 мин цъиуæй фылдæрæн.
Фосæн сæххæст кодтой æмбæлгæ процедурæтæ, тæрхæджытыл цæттæ кæны цыхт. Афтæ, ветеринарон дохтырты ахадгæ архайдæй æххæстгонд цæуы бæстæйы хæлцадон æдасдзинад




