филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:31 суббота, 31 января 2026
14 августа 2025, 10:33
Ног хъармгæнæн сезонмæ цæттæдзинадыл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

Сæйраг фарстатыл æрныхас кодта республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур

Ног хъармгæнæн сезонмæ цæттæдзинадыл, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтыл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Сæйраг фарстатыл æрныхас кодта республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Куыд радзырдта, афтæмæй министрад кусы ахсжиаг программæтæм гæсгæ. Ацы аз бакусдзысты 40 æхсæнадон территорийыл. Ныридæгæн уал куыстытæ фесты 15 объекты. Уыцы нысантæн, федералон проектмæ гæсгæ радих кæндзысты 200 милуан сомæй фылдæр. Конкурс «Чысыл горæттæ æмæ историон бынæтты» архайгæйæ, ацы аз саив кодтой ноджыдæр æртæ раны: куыстытæ цæуынц Алагиры, Беслæны æмæ Мæздæджы. Федералон проект «Коммуналон инфраструктурæйы модернизаци» æххæст кæнгæйæ, хæстæгдæр рæстæг райдайдзæн Æрæфы, стæй Мæздæджы районы Сухотскийы æмæ Виноградныйы хъæуты дондзæуæны рацарæзт. Æмбырды ныхас цыд бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæгыл дæр. Афæдзы кæронмæ сцалцæг кæндзысты 60 хæдзары æмæ баивдзысты 102 лифты. Премьер-министр бабар кодта ацы азы пълан сæххæст кæнын. Æппæт куыстыты тыххæй хъусынгæнинаг та хъæуы цæрджытæм хæццæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania