филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:58 суббота, 31 января 2026
14 августа 2025, 10:35
Дзыллон информацийы фæрæзты æмæ территориалон æвзарæн къамисты минæвæрттæн арæзт æрцыд ахуырадон семинар

Баст уыд, 13-æм-14-æм сентябры Цæгат Ирыстоны цы æвзæрстытæ уыдзысты, уыдонмæ цæттæ кæнынимæ

Дзыллон информацийы фæрæзты æмæ территориалон æвзарæн къамисты минæвæрттæн арæзт æрцыд ахуырадон семинар. Баст уыд, 13-æм-14-æм сентябры Цæгат Ирыстоны цы æвзæрстытæ уыдзысты, уыдонмæ цæттæ кæнынимæ. Семинар байгом кодта республикæйы æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у, цæмæй æвзарæн къамисты æмæ дзыллон информацийы фæрæзты *хсæн ахадгæ æмархайд уа, уый. Журналисттæн радзырдтой, аккредитацийы æмæ хъæлæсгæнæн процессы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты архайды барадон аспектты тыххæй. Æдæппæтæй сентябры уыдзæн 8 æвзарæн кампанийы. Уыдонæй æхсæзмæ гæсгæ æвзардзысты хъæуты сæргълæуджыты, дыууæмæ гæсгæ та ма уæлæмхасæнæй æвзардзысты минæвæртты æмбырдты депутатты. 35 кандидатæй нысангонд æрцыд 27. Хъæлæс кæныны бар кæмæн уыдзæн, уыдоны иумæйаг хыгъд у 16 мины 550 адæймаджы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania