Беслæны бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон колледжы филиал, стæй Æрæфы районы ахуыргæнæндæтт
Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ сбæрæг кодта ахуыргæнæндæтты цæттæдзинад ног ахуыры азмæ. Беслæны бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон колледжы филиал, стæй Æрæфы районы ахуыргæнæндæттæ. Базарадон-экономикон колледжы филиал æмæ йе мдзæрæн 50 азмæ сног кæндзысты фыццаг хатт. Лескены скъола у цæттæ, Толдзгуыны та бындурон цалцæг нырма разæй ис. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæстондæр.
Ног ахуыры азмæ ахуыргæнæндæтты цæттæдзинад бæлвырд кæнын ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ райдыдта Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон колледжы филиалы æркастæй Беслæны. Ам цæуынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. 2 ахуырадон корпусы æмæ æмдзæрæн аив кæнынц 60 азмæ фыццаг хатт. Куыстытæ райдыдтой ацы аз мартъийы æмæ æххæстгонд цæуынц нацпроект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-м гæсгæ. Иу бæстыхай эксплуатацимæ ратдзысты ноябры кæрон, цалцæджы дыккаг къæпхæн та райдайдзæн иннæ аз. Студенттæ æрмæст ахуыр нæ кæндзысты, фæлæ ма цæрдзысты зæрдæмæдзæугæ уавæрты.
2021-æм азы ноггонд скъола Лескены ног ахуыры азмæ ныридæгæн цæттæ у. Ам ахуыр кæны 233 адæймаджы. Скъоладзаутæн ис æппæт уавæртæ. Зæгъæм, «Точка роста»-йы сывæллæттæ архайынц шахмæттæй, ахуыр кæнынц программæтæ кæныны æмæ робототехникæйы бындуртæ. 2 азы фæд-фæдыл ахуыргæнæндон бацыд Цæгат Ирыстоны хуыздæр хъæуккаг 30 скъолайы хыгъдмæ.
Лескены сывæллæтты рæвдауæндон та нырма цæттæ кæны бындурон цалцæгмæ. Ам нысангонд у 2026-æм азы мартъимæ. Ныр та уал кусджытæ сæхæдæг аив кæнынц. Сентябры райдианмæ сахуырстой пъолтæ, чъырæй сцагъдтой къултæ, саив кодтой территори. Министрæн цымыдисаг уыд, æрмæст ног ахуыры азмæ цæттæдзинад нæ, фæлæ хъомылгæнджыты куыст дæр.
Толдзгуны скъоламæ ацы аз бацæудзæн 2 фыццагкъласоны. Иннæ аз та ахуыргæнæндоны райдайдзæн бындурон цалцæг. Куыстыты рæстæг сывæллæттæ ахуыр кæндзысты Хæзныдоны. Ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ йæ хуымæтæджы нæ равзæрстой. 2023-æм азы йæ сног кодтой. Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй Хæзныдоны скъола Курчатовы кълæсты проектмæ фыццæгты æмрæнхъ бацыд.
Алыбекты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахæм балцытæ ахсджиаг сты. Уый у хорз гæнæн, ахуыргæнæдæтты риссаг фарстатæ бынаты лыг кæнынæн. Ацы куыст æххæстгонд цæудзæн дарддæр.




