19 августа 2025, 10:40
Дзæуджыхъæу 80 процентæн цæттæ у хъармгæнæн сезонмæ
Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ
Дзæуджыхъæу 80 процентæн цæттæ у хъармгæнæн сезонмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ. Дондзæуæн куыстуаты специалисттæ æрвылбон архайынц, цæмæй фæззыгон-зымæгон сезоны рæстæг къуылымпыдзинæдтæ ма уа, ууыл: æххæст кæнынц профилактикон куыстытæ хъармгæнæнты æмæ центрон хъармгæнæн пунктты, æхсынц системæтæ, бæлвырд кæнынц донцъирæнтæ, æмæ иннæ ифтонггæрзтæ. Горæты афæдзы дæргъы чи кусы, уыцы 69 хъармгæнæнæй профилактикæ фæцис 59 объекты. Цалцæггæнæн бригадтæ ма ивынц хъармгæнæн трассæты кæлæддзаг уаццагтæ.
темæмæ гæсгæ




