04 сентября 2025, 10:35
Фонд «Быть добру»-йы активистты хъæппæрисæй арæзт æрцыд акци «Бацæттæ кæн сывæллоны скъоламæ»
Сæрмагонд проект «Вешалка добра» æххæст кæнгæйæ, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн балæвар кодтой скъоладзауы уæлæдарæс, хызынтæ æмæ канцелярон товартæ
Ахуыры азы райдианы агъоммæ хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы активистты хъæппæрисæй арæзт æрцыд акци «Бацæттæ кæн сывæллоны скъоламæ». Сæрмагонд проект «Вешалка добра» æххæст кæнгæйæ, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн балæвар кодтой скъоладзауы уæлæдарæс, хызынтæ æмæ канцелярон товартæ. Акци у традицион. Алы аз дæр ахæм лæвæрттæ скæнынц дыууæ мин бинонтæн. Ацы хатт ма æвзонг уазджытæн бацæттæ кодтой чысыл бæрæгбон дæр. Æрбахуыдтой аниматорты æмæ ма сын байуæрстой адджинæгтæ.
темæмæ гæсгæ




