Мемориалтæ байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы хæрæфырттæн
Ахуырадон центр «Диалог»-ы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Байгом дзы кодтой Тыбылаты Мараты цыртдзæвæн æмæ номарæн фæйнæг. Мемориалтæ байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы хæрæфырттæн. Уыдон ахуыр кæнынц ацы скъолайы. Ахуыргæнæндон Уæрæсейы Хъæбатыры ном хæссы ацы азы августæй фæстæмæ. Равзæрстой йæ Тыбылаты Мараты хæстæджытæ. Кадджын мадазлы архайдтой хицауады æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, Уæрæсейы гвардийы службæгæнджытæ, ветерантæ, хъæбатыры хæстæджытæ æмæ хиуæттæ, стæй скъолайы педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ. Ацы ахуыры аз ма скъолайы Тыбылаты Мараты номыл фæзынди Уæрæсейы гвардийы кълас. Нæ республикæйы у фыццаг. Ахæм кады аккаг систы 7-æм къласы ахуырдзаутæ.




