Архайдтой дзы проекты активисттæ æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ
«Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй арæзт æрцыд, партион проект «Горæты тыгъдад»-ы фæлгæты аивгæнинаг территориты мониторинг. Архайдтой дзы проекты активисттæ æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ. Базонгæ сты, Коцойты Арсены æмæ Гагарины уынгты скверы цы куыстытæ бакодтой, уыимæ. Проект æххæст кæнгæйæ, ныридæгæн саив кодтой сæдæгай кæртытæ æмæ æхсæнадон территоритæ. Специалисттæ ивынц асфальт, æвæрæныц рухсгæнæнтæ æмæ бандæттæ.
Коцойты Арсены уынджы Терчы былгæронæн фæзынд ног хуыз. Плиты Иссæйы уынгæй федералон къазнайы бæстыхайы онг тыгъдад æххæстæй дæр сног кодтой. Сæвæрдтой дзы ног бандæттæ, бырутæ, баивтой тротуарон плиткæ. Куыстыты хæрзхъæддзинадæн аргъ скодтой, Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ, проект «Горæты тыгъдады» активисттæ Бæтаты Алексей æмæ Мæрзаты Марик. Горæты администрацийы специалисттимæ мониторинг скодтой цалдæр æхсæнадон территорийы.
30 азмæ фыццаг хатт райдыдтой Терчы былгæроны дæллаг хайы уаццаджы цалцæг кæнын, Цæнгæт хидæй Сунниттаг мæзджыты онг. Специалисттæ систой зæронд асфальт. 5 мин квадратон метры фæзуаты сæвæрдтой ног бордюртæ, брусчаткæ æмæ рухсгæнæнтæ. Проектмæ гæсгæ æппæт объекттæн уыдзæн иу стиль.
20 азмæ фыццаг хатт бавнæлдтой Плиты Иссæйы цыртдзæвæны алфамбылай территори аив кæнын. Æвæрынц брусчаткæ æмæ рухсгæнæнты цæджындзтæ. Ацы аз дзы хъуамæ суа æнцонархайд фæлладуадзæн фæзуат тезгъо кæнынæн.
Активисттæ стыр æргом аздæхтой горæты сквертæм. Сног кодтой Гагарины уынджы фæлладуадзæн зонæ. Сæвæрдтой дзы бырæттæн урнæтæ, бандæттæ. Ацы аивгæнинаг бынат цæрджытæ ивгъуыд аз равзæрстой сæхæдæг.
Ахæм мониторингтæ фадат дæттынц рацарæзты куыстыты хæрзхъæддзинадмæ цæстдарынæн, – зæгъынц Дзæуджыхъæуы депутаттæ. Цалдæр объекты ма ис фиппаинæгтæ. Администрацийы загътой, æппæт аипдзинæдтыл дæр бакусдзысты.
Ацы аз Дзæуджыхъæуы сног кæндзысты 18 æхсæнадон территорийы. Алы объект дæр равзæрстой цæрджытæ сæхæдæг, хъæлæс кæныны рæстæг. Проект «Горæты тыгъдад» æххæстгонд цæуы 2017-æм азæй фæстæмæ, æмæ ныридæгæн аивта сæдæгай кæрты æмæ скверы хуыз. Ахæм куыст цæудзæн дарддæр дæр.




