филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:11 вторник, 16 декабря 2025
09 сентября 2025, 10:34
448 азы сæххæст Терчы хъазахъхъæгты æфсæдты сарæзтыл

Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй майдантæ радтой сгарæн бригад «Терчы» 18 æфсæддонæн

448 азы сæххæст Терчы хъазахъхъæгты æфсæдты сарæзтыл. Уыцы бон сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы. Кадджын мадзал арæзт æрцыд республикæйы национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министрады. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй майдантæ радтой сгарæн бригад «Терчы» 18 æфсæддонæн. Хъазахъхъæгты бригад «Терк» арæзт æрцыд дыууæ азы размæ, Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын æхсæнад Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкайы хъæппæрисæй. Хаст æм æрцыдысты бархионтæ, тыхы структурæты запасы офицертæ. «Терчы» бригады ахуыртæ ацыдысты 8000 адæймагæй фылдæр. Ныртæккæ сгарæн бригад æфсæддон хæстæ дарддæр æххæст кæны Донецкы рдыгæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania