филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:45 воскресенье, 14 декабря 2025
10 сентября 2025, 10:36
Физкультурæйы æмæ спорты ахадындзинад æнæниз цардыуаджы

Ацы темæйыл æрныхас кодтой республикæйы Парламенты

Физкультурæйы æмæ спорты ахадындзинад æнæниз цардыуаджы. Ацы темæйыл æрныхас кодтой республикæйы парламенты. Депутаттæй дарддæр ма фембæлды архайдтой алы ведомствоты минæвæрттæ, спортивон скъолаты æмæ центрты разамонджытæ, тренертæ æмæ зындгонд спортсментæ. Ныхас кодтой куыд спорты рæзтыл, афтæ йæ риссагдæр фарстатыл. Бæлвырддæр та стыр æргом аздæхтой ахуыргæнæдæтты æмбæлгæ инфраструктурæмæ. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз куыд фехъусын кодта, афтæмæй рæстæгæй-рæстæгмæ хъæуы мониторинг кæнын. Уæлдайдæр та, бындурон цалцæг цы скъолаты спортивон залты скодтой, уым. Ныхас цыд кадртæй ифтонгдзинадыл дæр. Профилон факультеты декан куыд радзырдта, афтæмæй сæ рауагъдонтæй сæ дæсныйадмæ гæсгæ скъолатæм æмæ паддзахадон уагдæттæм кусынмæ бирæтæ нæ ацæуынц. Уый баст у, куысты мызд чысыл кæй у, уыимæ. Æмтгæй райсгæйæ та стыр æргом аздахын хъæуы сывæллæтты спорты рæзтмæ. Аразын сын æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй сæ бон уа алыхуызон секцитæм лæвар цæуын, æмæ рæзгæ фæлтæры хсæн æнæниз цардыуаг парахат кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania