филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:57 среда, 17 декабря 2025
12 сентября 2025, 11:07
Дондзæуæн хызты специалисттæ бавнæлдтой Дзæуджыхъæуы Шмулевичы уынджы доны хæтæлтæ ивынмæ

Горæты ацы хайы коммуналон хызтæ рæстæджы цыдимæ ныззаууат сты

Республикæйы дондзæуæн хызты специалисттæ бавнæлдтой Дзæуджыхъæуы Шмулевичы уынджы доны хæтæлтæ ивынмæ. Горæты ацы хайы коммуналон хызтæ рæстæджы цыдимæ ныззаууат сты. Бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ дон куыд æмбæлы, афтæ нæ истой. Цалцæггæнæн бригадтæ уал бакуыстой 120 метры уаццагыл. Доны хæтæлтæ куы аивой, уæд ногæй рацарыздзысты фæндаджы уæлцъар дæр. Уыимæ, фæндаджы ацы хай арæзт æрцæудзæн нырмæ дзы чи нæ уыди, ахæм æдасдзинады домæнтæ хынцгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania