Фыдбылызыл сæххæст 23 азы
Абон у Гæналдоны комы Хъолайы цъитийы амæттæгты мысæн бон. Фыдбылызыл сæххæст 23 азы. Цæгат Ирыстоны историйы уый у æппæтæй егъаудæр æрдзон фыдбылыз. Йæ амæттæгтæ систы 125 адæймаджы. Уыдонимæ бынæттон цæрджытæ, бæхты театр «Нартæ»-йы артисттæ, киноныв «Связной»-йы сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Бирæ хъæутæ фесты зæйы бын. Трвæзынгæнæн мадзæлттæ цыдысты 2 къуырийы бæрц. Агурæн куыстытæ та 9 мæйы. Фæлæ, хъыгагæн… Фыдбылызы чи фæмард, уыдоны номыл Хъобангомы цы номарæн цыртдзæвæн ис, уый цурмæ æрвылаз 20-æм сентябры æрбамбырод вæййынц сæ хиуæттæ, хæстæджытæ, республикæйы бæрнон кусджытæ. Æцы аз дæр иннæтæй ницæмæй хицæн кæндзæн. Фæткмæ гæсгæ цыртдзæвæн бабæрæг кæндзысты, æмæ æнкъард мызыкæйы зæлтæм хъусгæйæ ссуддзысты мыдадзын цырæгътæ, минут æдзæмæй алæугæйæ номарæн цыртдзæвæныл сæвæрдзысты дидинджытæ.




