Лæппутæн æмæ чызджытæн фадат уыд æцæг зынгсирвæзты службæйы куыстимæ, стæй æрвылбон æдасдзинадыл чи кусы, уыдоны архайдимæ базонгæ уæвынæн
Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы ахуырдзаутæн экскурси сарæзтой сæрмагонд зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хаймæ. Лæппутæн æмæ чызджытæн фадат уыд æцæг зынгсирвæзты службæйы куыстимæ, стæй æрвылбон æдасдзинадыл чи кусы, уыдоны архайдимæ базонгæ уæвынæн. Скъоладзаутæ федтой ирвæзынгæнæн хайы территори. Уæлдай цымыдисаг сæм фæкасти техникæ: артхуыссынгæнæн машинæ, кусæнгæрзтæ, хи хъахъхъæнæн фæрæзтæ. Уымæй дарддæр сын равдыстой фыццаг æххуыс кæныны мадзæлттæ, райдадй хуымæтæг хуызтæй æмæ зын уавæртæй фæуы. Зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы кусджытæ ма радзырдтой æдасдзинады мадзæлтты тыххæй: арты ныхмæ куыд архайын хъæуы, стæй зынг куы апарахат уа, уæд фыццаджыдæр цы бакæнын хъæуы, уый. Скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кодтой æвæстиаты службæты телефоны номыртæ. Цæмæй экскурси бахъуыды кæной, уый тыххæй фæсивæд абарстой ирвæзынгæнджыты уæлæдарæс, систой сæ къамтæ.




