филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
11 октября 2025, 09:37
Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт арæзт æрцыд Уæрæсейы горæтты Цæдисы Съезд

Ахæм æмбырд Цæгат Кавказы федералон зылды фæстаг хатт арæзт æрцыд 12 азы размæ Махачкалайы

Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт арæзт æрцыд Уæрæсейы горæтты Цæдисы Съезд. Ахæм æмбырд Цæгат Кавказы федералон зылды фæстаг хатт арæзт æрцыд 12 азы размæ Махачкалайы. Абон Цæдисы хыгъды ис 102 уæрæсейаг горæты. Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты нæ бæстæйы 73 горæты минæвæрттæ. Балцы программæмæ гæсгæ уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Намысы Мемориалы. Уый фæстæ сын арæзт æрцыд нæ горæтыл экскурси. Сæйраг мадзал та уыд – Уæрæсейы горæтты Иумæйаг æмбырд. Боны фæткмæ рахастой цалдæр ахсджиаг фарстайы: сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты психологон адаптаци, Цæдисмæ ног горæттæ райсын, культурон бынтæ бахъахъхъæнын, стæй Уæрæсейы горæтты социалон-экономикон рæзт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania