14 октября 2025, 11:35
Дзæуджыхъæу суазæг кодта Курскы облæстæй сабырдзинады æппæтадæмон Маршы архайджыты
Мадзал баст у Стыр уæлахизы 80 азы бонимæ
Дзæуджыхъæу суазæг кодта Курскы облæстæй сабырдзинады æппæтадæмон Маршы архайджыты. Мадзал баст у Стыр уæлахизы 80 азы бонимæ. Акцийы архайджытæ бабæрæг кодтой Цæгат Кавказы 7 горæты æмæ схæццæ сты Дзæуджыхъæумæ. Делегацийы хыгъды Курскы облæсты ахуырады 12 куыстуаты разамонджытæ, национ æмæ динты организациты, стæй регионы æхсæнадон змæлдты активисттæ. Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы уазджытыл сæмбæлдысты «Симд»-æй æмæ традицион æртæ чъирийæ. Ирыстоны цалдæр ахуыргæнæндонимæ бафыстой хæлардзинады бадзырдтæ. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, Дзæуджыхъæуы æмæ Курскы ахуыргæнæндæтты хсæн ма хæлардзинады бадзырдтæ фыст æрцыди æртæ азы размæ дæр.




