филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 суббота, 31 января 2026
22 октября 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы уыд регионты *хсæн гом турнир футболæй ампутантты *хсæн

Архайдтой дзы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ бæстæйы цалдæр субъектæй

Дзæуджыхъæуы уыд регионты *хсæн гом турнир футболæй ампутантты *хсæн. Архайдтой дзы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ бæстæйы цалдæр субъектæй. Командæтæ уыдысты Цæгат Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъарæй, Дагестанæй, Цæцæны республикæйæ æмæ Волгограды облæстæй. Мадзал байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой физкультурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, стæй ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Архайджытæн ракодтой зæрдиаг арфæтæ. Турнир сарæзта ампутантты футболон клуб «Ирыстон» президентон грантты фонд æххæстгæнгæнгæйæ æмæ «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды республикон филиалы æххуысæй. Турниры уæлахиздзаутæ нæ уыд. Се ппæт архайджытæн дæр саккаг кодтой кубоктæ æмæ майдантæ. Фæлæ сын сæйрагдæр та уыд, ног хæлæрттæ кæй ссардтой, æмæ размæ тырнындзинады æнкъарæнтæ кæй райстой, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania