23 октября 2025, 10:36
ЦИПУ-йы цæуы фыццаг фæсивæдон наукон форум
Йæ фæлгæты – пленарон æмбырд æмæ 5 секцийы куыст
ЦИПУ-йы цæуы фыццаг фæсивæдон наукон форум. Йæ фæлгæты – пленарон æмбырд æмæ 5 секцийы куыст. Уымæй уæлдай, программæйы Уæрæсейы фидæны рæзтыл чи ахады, ахæм нырыккон æрмæджытæ æмæ технологитæ. Форумы чи архайы, уыдоны хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды регионты æмæ Хуссар Ирыстоны студенттæ. Æдæппæтæй 4 сæдæ адæймаджы. Алчидæр сæ райсдзæн сæрмагонд сертификат, стæй Уæрæсейы раззагдæр рауагъдадты йæ иртасæн куыст ныммыхуыр кæныны фадат. Сæйраг нысан – фæсивæды хсæн курдиатджындæрты ссарын æмæ сын сæ дарддæры куыстæн баххуыс кæнын. Ацы форум арæзт æрцыди Уæрæсейы ахуырады министрады гранты æххуысæй.
темæмæ гæсгæ




