28 октября 2025, 10:33
7 мин бæласæй фылдæр ныссагъдтой Цæгат Ирыстоны 2025-æм азы æрвылазон акци «Хъæд бахъахъхъæнæм» æххæстгæнгæйæ
Нæ республикæ ацы ахсджиаг мадзалы 7-æм хатт архайы
7 мин бæласæй фылдæр ныссагъдтой Цæгат Ирыстоны 2025-æм азы æрвылазон акци «Хъæд бахъахъхъæнæм» æххæстгæнгæйæ. Уый тыххæй йæ телеграм каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Нæ республикæ ацы ахсджиаг мадзалы 7-æм хатт архайы. Уыцы рæстæгмæ сагъд æрцыд 200 мин бæласæй фылдæр. Акци æххæстгонд цæуы профилон национ проектмæ гæсгæ. Ацы аз ног бæлæстæ фæзынд Дзæуджыхъæуы, Кировы, Алагиры, Æрæфы æмæ Дыгуры районты. Сæйраг мадзал сси – Горæтгæрон районы Тарскæйы сырх тулдзы 1300 талайы кæй ныссагъдтой, уый. Кавказ суæгъд кæныны тохы кадæн та мин бæласы фæзынд Дыгуры районы Дур-Дуры. Азæй-азмæ акцимæ йе вæрæн чи хæссы, уыцы адæмы нымæц кæны фылдæр.
темæмæ гæсгæ




