филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:21 вторник, 16 декабря 2025
01 ноября 2025, 11:08
Дзæуджыхъæуы хойраджы комбинаты скъоладзаутæн сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ

Раргом сын кодтой бирæ сусæгдзинæдтæ

Тетрæдты бæсты хойрæгтæ, фыссæнгарзы бæсты тулæн. Дзæуджыхъæуы хойраджы комбинаты скъоладзаутæн сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Раргом сын кодтой бирæ сусæгдзинæдтæ. Ахæм ахуыртæ горæты администрацийы кусджытимæ иумæ республикæйы скъолаты лагерьты хъомылгæнинæгтæн арæзт цæуынц æртæ азы дæргъы. Мадзалы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Хæринаггæнæджы дæсныйад цымыдисаг у куыд хистæртæн, афтæ æрыгæттæн дæр. Засеты Константин хорз арæхсы алыхуызон хæринæгтæ цæттæ кæныны. Фылдæр уарзы лауызтæ æмæ хъайла кæнын. Дæсныйад æвдисæн ахуыртæм лæппу фыццаг хатт æрбацыд. Ам базыдта æндæр хуымæтæг, фæлæ хæрзад хæринæгтæ цæттæ кæнын.

Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы ахуырдзаутæ базонгæ сты пиццæйы дыууæ хуызимæ: «Цезарь» æмæ скъоладзаутæн кæй скæнынц, ахæмимæ, стæй ма срæсугъд кодтой имбиримæ печениты сæртæ. Италиаг хæринаг цæттæ кæныны хъуыддаджы сæйраг у хыссæимæ лымæн уæвын, адджинæгты сæртæ рæсугъд кæныны та – аивадмæ здæхт хъуыдыкæнынад.

Алы сывæллонæн дæр цымыдисаг уыд йæ къухæй конд хæринаджы ад базонын. Дæсныйад æвдисæн ахуыртæ хойраджы комбинаты арæзт цæуынц 3 азы дæргъы. Технологтæ горæты администрацийы кусджытимæ иумæ æрбахонынц сæрдыгон фæлладуадзæн лагерты хъомылгæнинæгты, бацамонынц сын сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ.

Гастрономон хицæндзинæдтæ æмæ хæринаггæнæджы дæсныйадмæ уарзондзинад баиу кодтой фæлтæртæ. Ахæм мадзæлттæ – уымæн ирд æвдисæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania