филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:03 понедельник, 15 декабря 2025
05 ноября 2025, 10:36
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд, фыццаг æххуыс бакæныны чемпионаты регионалон хай

Архайынц дзы, муниципалон æвзæрст чи ацыд, ахæм 12 командæйы

Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд, фыццаг æххуыс бакæныны чемпионаты регионалон хай. Архайынц дзы, муниципалон æвзæрст чи ацыд, ахæм 12 командæйы. Ерыстæ сарæзтой «Фыццæгты змæлд»-ы хайад Уæрæсейы Сырх Дзуары минæвæртты æххуыссæй. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Дæсныйад æвдисæн ахуыры æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ æрцыд фæндаггон фыдракæнд. Машинæйы хъыгдард баййæфта нæлгоймаг. Архайджыты хæс у уавæр сбæрæг кæнын æмæ фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Цæфтæ бабæттынæй райдай æмæ суанг реанимацион дзæбæх кæныны архайдæй фæуы – раст миниуджыты тыххæй скъоладзаутæн радзырдтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ.

Ерысты фыццаг къæпхæн – зæрдæйы-рæуджыты реанимаци.  Скъоладзаутæ алы внæлд дæр ахуыр кæнынц манекентыл. Фидæны сæ зонындзинæдтæй, сæ лæмбынæг ахаст æмæ ныфстхасты руаджы сæ бон уыдзæн адæймаджы аирвæзын кæнын.

Цæгат Ирыстоны фыццаг æххуыс бакæныны чемпионаты регионалон хай арæзт æрцыд 3-аг хатт. Архайынц дзы 12 командæйы. Се *ппæт дæр ацыдысты муниципалон æвзæрст, ныр та *вдисынц сæ зонындзинæдтæ республикон æмвæзадыл.

Ерыстæ цæуынц дыууæ къæпхæны  – теори æмæ практикæйæ. Скъоладзаутæн сарæзтой, æцæг æнæнхъæлæджы цауты рæстæг цы уавæртæ сæвзæры, ахæмтæ.  Алы хай дæр ерысдзаутæй домы зонын командæимæ архайын.

Чемпионат саразджытæ – «Фыццæгты змæлд»-ы регионалон хайад Уæрæсейы Сырх Дзуары æххуыссæй. Сæйраг хæс у – æрмæст уæлахиздзауты сбæрæг кæнын нæ, фæлæ скъоладзауты сахуыр кæнын æнæнхъæлæджы цауты рæстæг хи дарын зонын, æххуыс бакæнынмæ цæттæ уæвын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania