филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:48 суббота, 31 января 2026
11 ноября 2025, 11:03
Сергей Меняйло фаутæ æрхаста, горæты уынгтæ куыд æфснайынц, уымæ, уæлдайдæр та сабаты æмæ хуыцаубоны

Сæргълæууæг йæхæдæг æрзылди Дзæуджыхъæуыл æмæ хи цæстæй федта уавæр

Сергей Меняйло фаутæ æрхаста, горæты уынгтæ куыд æфснайынц, уымæ, уæлдайдæр та сабаты æмæ хуыцаубоны. Сæргълæууæг йæхæдæг æрзылди Дзæуджыхъæуыл æмæ хи цæстæй федта уавæр. Йæ фиппаинæгтæ фехъусын кодта аппаратон æмбырды. Республикæйы уынгтæ æфснайын æмæ бырæттæ ласын систы æмбырды фыццаградон фарстатæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур  куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы куысты къуылымпыдзинæдтæ сæвзæрд, контейнерты фæзтæ кæй нæ фаг кæны, уый аххосæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны  хъæуы ахæм 650 уæлæмхасæн фæзы скæнын, стæй 2500 контейнеры сæвæрын. Уымæй уæлдай, бынат скæнын хъæуы, стыр уæз кæмæн ис, ахæм хауæддзæгтæн дæр.  Куыд рабæрæг, афтæмæй Дзæуджыхъæуы админитстраци сæрмагонд техникæйы 12 иуæджы ныры онг регионалон оператон «ЭРА»-йæн нæма ауæй кодта. Сергей Меняйло се ппæт ведомствæтæн дæр бахæс кодта, хæстæгдæр рæстæг хъуыддаг снывыл кæнын. Æмбырды дзырдтой республикæйы эпидемиологон уавæрыл дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæцгæ низты æмвæзад нормæйæ фылдæр нæу. Фæлæ рабæрæг ковидæй ног 7 рынчыны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania