Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта иумæйаг информацион нымæцон центры генералон директоры хæстæ æххæстгæнæг Салхъазанты Эдуард
Декабры республикæйы кусын райдайдзæн цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы нымæцон оперативон штаб. Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта иумæйаг информацион нымæцон центры генералон директоры хæстæ æххæстгæнæг Салхъазанты Эдуард. Ног программæмæ хаст æрцæудзысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады цыдæриддæр къуылымпыдзинæдтæ æвзæра, уыдон. Системæ лыггæнинаг фарстатæ æвзардзæн сæ уавæрмæ гæсгæ. Картæйы амынд уыдзысты адрис æмæ дзы цы авари æрцыди, цавæр æмгъуыдмæ йыл бакусдзысты, уый. Фæстæдæр та программæйы мыхуыргонд æрцæудзæн фарстайыл кæй бакуыстой, уый. Нымæцон оперативон центры фæрцы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады системæйы службæты æмгуыстад уыдзæни ахадгæдæр. Декабры уал тесты хуызы кусын райдайдзæн иумæйаг колл-центр. 2026-æм азы маймæ та нысан кæнынц мобилон æфтуан саразын, уый та дæтдзæн онлайн-форматы курдиат бахæссынæн фадат.




