19 ноября 2025, 10:33
Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Элла Памфиловаимæ
Ацы бонты кусæг балцы ис нæ республикæйы
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Элла Памфиловаимæ. Ацы бонты кусæг балцы ис нæ республикæйы. Архайы Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы 30 азы бæрæгбоны мадзæлтты. Сергей Меняйло стыр аргъ скодта Памфиловайы ахадгæ архайдæн. Куыд загъта, афтæмæй профессионализм æмæ фидар удыхъæд сты йæ сæйрагдæр миниуджытæ. Федералон бæрнон кусæг загъта бузныг республикæйы Сæргълæууæгæн, стæй бахынцта нæ республикæйы æвзарæн системæйы æнтыстджын куыст. Ныхас цыд Паддзахадон Думæмæ æвзарæн кампанийыл дæр. Цæудзæн 2026-æм азы.




