филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:30 суббота, 06 декабря 2025
25 ноября 2025, 10:34
Дзæуджыхъæу сси стыр чырыстон бæрæгбоны бынат. Мингай уырнæг адæм Цæгат Ирыстоны алы рæттæй горæты уынгты сарæзтой  дзуæрттимæ цыд

Чырыстон диныл хæст адæм кад кодтой Алайнаг дзуæртты Æмбырдæн æмæ Уæлахизхæссæг Георгийæн

Дзæуджыхъæу сси стыр чырыстон бæрæгбоны бынат. Мингай уырнæг адæм Цæгат Ирыстоны алы рæттæй горæты уынгты сарæзтой  дзуæрттимæ цыд. Бæрæгбон уыд дывæр. Чырыстон диныл хæст адæм кад кодтой Алайнаг дзуæртты Æмбырдæн æмæ Уæлахизхæссæг Георгийæн. Дзуæрттимæ цыды фæстæ  Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим скодта бæрæгбоны аргъуыд. Цæгат Ирыстоны аргъуанты та сарæзтой кадджын куывдтытæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Ацы аз баиу сты Чырыстон дины дыууæ ахсджиаг боны: Сыгъдæг Уæлахизхæссæг Георгийы æмæ Алайнаг дзуæртты Æмбырды кадæн. Бæрæгбон райдыдта Дзуармæ куывдæй. Скодта йæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим. Адæм Сыгъдæг Уæлахизхæссæг Георгийы номыл аргъуанæй араст сты Алайнаг Дзуæртты Æмбырды номыл аргъуанмæ. Дзуæрттимæ цыд баиу кодта мин чырыстон диныл хæст нæлгоймæгты, сылгоймæгты, хистæрæй кæстæрмæ. Алкæмæндæр йæ зæрдæйы –  йæхи хъудытæ, йæхи куывд.

Бæрæгбон нысангонд æрцыд 2 азы размæ Уырыссаг Чырыстон аргъуаны уæлфæдзæхст Æмбырды уынаффæмæ гæсгæ. 30 номы – Чырыстийы райгуырды размæ 1-æм æнусы цæрæг хъизæмарджын Сухийæ райдай æмæ 20-æм æнусы ног хъизæмаргæнджытæй фæуы – сеппæтæн дæр сарæзтой иу Æмбырд. Епархийы куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ уыцы номхыгъд дарддæр уæрæхгонд цæудзæн.

Бæргæбоны сæйраг хай  – аргъуыд. Сарæзта йæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим. Адæмæн бацæттæ кодтой концерт, сæвæрдтой сын бæрæгбоны фынг.

Ацы бонтæн ис стыр нысаниуæг. Сты бастдзинады символ, хъизæмаргæнгæйæ йæ цард адæмы æмæ Чырыстон дины номыл чи радта, уыдонимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania