филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:56 суббота, 06 декабря 2025
26 ноября 2025, 10:37
Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны сæвæрдтой фараст дзæнгæрæджы. Саргъуыдта сыл Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим

Æххуысхъуаг адæмæн фæнд кæнынц хæрæндон байгом кæнын, сылгоймæгтæн æмæ сывæллæттæн та кризисон центр

Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны сæвæрдтой фараст дзæнгæрæджы. Саргъуыдта сыл Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим. Куыстытæ дзы бирæ.  Æххуысхъуаг адæмæн фæнд кæнынц хæрæндон байгом кæнын, сылгоймæгтæн æмæ сывæллæттæн та кризисон центр. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Уырнæг адæмæн ацы бон сси æцæг бæрæгбон, балæвар сын кодта æууæнк, сæ зæрдæты сын бауагъта рухс æнкъарæнтæ. Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Сæ цæстытæ цæхæртæ калынц, афтæмæй кæсынц, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим дзæнгæрджытыл куыд аргъауы, уымæ.

Аргъуыды фæстæ дзæнгæрджытæ ссардтой сæ бынæттæ. Моладзандон байдзаг сæ райгæ хъæлæстæй.

Сауджынтæ æмæ уырнæг адæм сты зæрдæрухс. Дзæнгæрджыты нысаниуæг – куывдмæ хонын, Хуыцау æмæ йæ фæдзæхстытæ хъуыды кæнын, зæгъы Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим. Сæ фæзынд сси моладзандоны царды ног сыф.

Раздæр Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны кæрты Дзæуджыхъæуы уыд сылгоймæгты Мады Майрæмы кæрдæны моладзандон, фæлæ æрцыд хæлд. Бирæ рæстæг уыд рохгонд. Хотæ апырх сты алы рæттæм. 2014-æм аз балæвар кодта ныфс ног цардæн. Моладзандон байгом кæныны хъæппæрис æххæстгонд æрцыд 2021-æм азы фæстæ. Йæ сæргълæууæг Ноннæйы ныхæстæм гæсгæ, дзæнгæрджыты фæзынд адæмæн уыд æхсызгон хабар. Цыбыр рæстæгмæ моладзандоны æххуысхъуаг адæмæн байгом хæрæндон, уымæй уæлдай – Чырыстон Аланийы стыр музей, зын уавæрты чи бахауд, уыцы сылгоймæгтæн та – кризисон центр.

Дзæнгæрджыты хъæлæстæ Мады Майрæмы ныв «Скоропослушница»-йы бон хуымæтæджы нæ азæлыдысты. Адæмы зæрдæты уыцы цауæн ис историон нысаниуæг. Рохгонд аргъуан сабыргай йæ хуыз скалдта. Тагъд рæстæг æм бацæуыны бар уыдзæн, кæй фæнда, уыдонæй сеппæтæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania