Баст у республикæйы хицаудзинады æмæ бынæттон администрацийы оргæнтæн квалификацион разамонджытæ цæттæ кæнынимæ
Цæгат Ирыстоны цæуы программæ «Аланийы командæ: муниципалон æмвæзад»-ы 3-аг модуль. Баст у республикæйы хицаудзинады æмæ бынæттон администрацийы оргæнтæн квалификацион разамонджытæ цæттæ кæнынимæ. Национ наукон библиотекæйы цалдæр боны цæуынц ахуырадон интенсивтæ, сæ фæлгæты специалисттæ æркæсдзысты муниципалон территоритæн разамынд дæттыны сæйрагдæр фарстатæм. Сæ хыгъды – бюджет, инфраструктурæ, æвæрæнтæ, инвестицитæ, паддзахадон æххуыс, стæй куысты ахадгæ мадзæлттæ. Разамынддæттæг проекты фыццаг æмæ дыккаг модультæ арæзт æрцыдысты фæззæджы райдиан. Архайдтой дзы республикæйы 9 муниципалитеты 30 минæвары. Мадзал аразджытæ – адæмон хæдзарады уæрæсейаг академийы минæварад. Программæ æххæстгонд цæуы паддзахадон разамынды уæлдæр скъолайы æххуысæй. Йæ сæйраг хæстæ – профессионалон кадртæ цæттæ кæнын, комплексон проекттæ царды уадзын æмæ профессионалон коммуникацитæ рæзын кæнын. Æмæ эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй проект æххæстгонд цæуы ахадгæйæ.




