филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:20 суббота, 31 января 2026
28 ноября 2025, 10:41
Социалон контракты программæ фадат дæтты цард хуыздæрырдæм аивынæн

Ахæм паддзахадон æххуыс парахат у нæ республикæйы

Социалон контракты программæ фадат дæтты цард хуыздæрырдæм аивынæн. Ахæм паддзахадон æххуыс парахат у нæ республикæйы. Рахизфарсы районы ныридæгæн 200 адæймагæй фылдæр бафыстой ахæм бадзырдтæ. Афтæ Дмитрий Назаренко социалон контракт бафыста фермерон хæдзарады рæзты фæдыл. Паддзахадон æххуысæй сарзæта уæлæмхасæн хъæрмуæттæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Аграрон эксурси чысыл хæдзарадыл. Цъæх тыллæджы рæсугъд хуымтæ – бизнес хъæппæрис сæххæст кæнынæн Дмитрий Назаренкойæн бахъуыд цалдæр азы. Зæххы куыстыл йæ сабибонтæй ахуыр у, уымæ гæсгæ зындзинæдтæй нæ тарст. Æцæг, раздæр фæнд кодта халсартæ садзын. Цæхæрагæрдæгмæ йе *ргом æрæджиау аздæхта. Сабыргай фæзындысты 3 хъæрмуаты. Фыццаг дыууæйыл цæуы 10 азы. Æртыккаг та у, 2022 азы фермер цы социалон контракт бафыста, уый хатдзæг. Уæд райста 150 мин сомы. Фæрæзтæ бирæсывæллонджын бинонтæн дихгонд æрцыдысты национ проект «Бинонтæ» æххæстгæнгæйæ. Дмитрийы хæдзары рæзы 4 лæппуйы æмæ чызг. Уыдонæй алчидæр æххуыс кæны йæ ныййарджытæн. 9-аздзыд Мария ахуыр кæны 3-æм къласы. Скъолайæ куы *рцæуы, уæд бакæсы хъæрмуаттæм: сæмбырд кæны тыллæг, йæхæдæг ын фыццаг бавзары йæ ад.  Фылдæр уарзы хъонтхора, фæлæ иннæ цæхæрагæрдæджытæй дæр нæгъ нæ зæгъдзæн.

Алы хъæрмуаты уæрх дæр у 3 метры, сæ дæргъ та сын равзары адæймаг йæхæдæг. Сæ сæртæ æхгæд сты поликарбонатæй. Уый уæлæ та ма фæрмер бакæны ихæй хъахъхъæнæн æмбæрзæн. Дыууæ хъæрмуаты æххæстгонд сты хъармгæнæн системæйæ. Уый руаджы дзы цæхæрагæрдæг зайы æнæхъæн афæдз. Социалон контрактæй Рахизфарсы районы спайда кодтой 229 адæймаджы, уыдонæй 47, Дмитрий Назаренкойы хуызæн, сты бирæсывæллонджын бинонтæ. Адæм арæхдæр равзарынц «Индивидуалон амалхъомдзинад». Уырдæм хауынц  – ахæм къабæзтæ, куыд цæлцæггæнæн куыстгæнджытæ, хуыйджытæ, хæринаггæнджытæ æмæ косметологон лæггæдтæ. Хи хæдзарæдтæ саразын бафæнды хъæуты цæрджыты. Адæм балхæнынц фос, кæнæ техникон фæрæзтæ.

Паддзахадон æххуысы ахадындзинады дæнцæг у Дмитрий Назаренкойы хæдзарад. Фæрмер социалон контракты руаджы æнтыстджынæй архайы 4-æм аз. Программæ республикæйы æххæстгонд цæуы 2021-æм азæй. Абоны онг адæмимæ бафыстой 1200 социалон контракты. Афæдзы райдианæй нырмæ дихгонд æрцыд 380 милуан сомы. Программæйы архайæг суæвынæн ма рæстæг ис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania