03 декабря 2025, 11:34
Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы райдыдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Кубок рамбулыны ерыстæ волейболæй
Архайынц дзы 5-æмæй – 8-æм кълæсты ахуырдзаутæ
Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы райдыдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Кубок рамбулыны ерыстæ волейболæй. Архайынц дзы 5-æмæй – 8-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Фыццаг бон сæ цæттæдзинад равдыстой 16 командæйы. Ерыстæ цæудзысты 4 боны. Жюрийы хыгъды та сты республикæйы боксы федерацийы минæвæрттæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кубоктæй, кады гæххæттытæй æмæ дипломтæй. Турниры 4 азмæ дзы бацархайдтой 10 мин лæппуйы æмæ чызджы. Ныридæгæн уал турниртæ ацыдысты Алагиры, Мæздæджы, Æрыдоны æмæ Æрæфы районты. Турниры призертæн фадат уыдзæн сæ тыхтæ республикон ерысты бафæлварынæн. Уыдон дæр арæзт уыдызсты Сергей Меняйлойы хъæппæрисмæ гæсгæ.
темæмæ гæсгæ




