Баст уыд Ирыстоны цæрджытæй алы азты æфсæддон цауты чи архайдта, уыдонимæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операциимæ
Дыууæ боны Цæгат Ирыстоны цыд патриотон фестиваль «И вновь продолжается бой…». Баст уыд Ирыстоны цæрджытæй алы азты æфсæддон цауты чи архайдта, уыдонимæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операциимæ. Фестивалы дыккаг бон скъоладзаутæ фембæлдысты Уæрæсейы æфсæддон уацхæсджытимæ. Стыр æргом аздæхтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи архайы, уыцы журналистты куыстмæ. Елизавета Пиворович, Ани Унанян æмæ Мамсыраты Георгий радзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй. Дзуæппытæ радтой скъоладзауты фæрстытæн. Уымæй дарддæр ма равдыстой документалон киноныв дæр. Сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны фойейы та равæрдтой тематикон равдыст, æмæ баст уыд Ирыстоны алы азты хъæбатыртимæ æмæ æфсæддон намысимæ. Фестивалы æртыккаг бон та æрныхас кодтой фронты æххуысы мадзæлттыл.




