Сызгъæрин къухтимæ æмæ сыгъдæг зæрдæтимæ ацæргæ сылгоймæгтæ салдæттæн æрвитынц, сæхæдæг кæй хуыйынц æмæ бийынц, ахæм алы хъæугæ дзаумæттæ
Ахсджиаг æххуыс. Цалынмæ иутæ тохы быдыры хæцынц, уæдмæ сын зæрдæхæлар адæм та архайынц сæ уды хъарм бахæццæ кæныныл. Нæ программæйы хъайтартæ сты æхсæнад «Согрей солдата»-йы волонтертæ. Сызгъæрин къухтимæ æмæ сыгъдæг зæрдæтимæ ацæргæ сылгоймæгтæ салдæттæн æрвитынц, сæхæдæг кæй хуыйынц æмæ бийынц, ахæм алы хъæугæ дзаумæттæ. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæстондæр.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн маскировкæгæнæн костюмтæ хуыйын Людмила Зверевайæн хæдзармæ куысты хуызæн у, æмæ йæ æхсызгонæй æххæст кæны. 75-аздзыд сылгоймаг алы уæгъд минут дæр вæййы хуыйæн машинæйы раз, уыдон та йæ хæдзары сты алы агъуысты дæр. Æхсæнад «Согрей солдата»-йы рæнхъыты фыццаг бонтæй ис. Æрмæст йæхæдæг нæ хуыйы, фæлæ ма ууыл ахуыр кæны иннæ волонтерты дæр. Ацы хъуыддаджы йæм ис 25 азы фæлтæрддзинад.
Æнцад бадын йæ бон нæу Кочораты Заретæйæн дæр. Цæуы йыл 87 азы. Ныр 2 азы онг æхсæвæй-бонæй хæстонтæн быйы хъæугæ дзаумæттæ. Волонтерты архайдмæ йын йе ргом раздæхта йæ чындз Баситы Нинæ. Уый йæхæдæг дæр æнæнхъæлæджы бацыд бархионты рæнхъытæм.
Нина Хацарашвили дæр æхсæнад «Согрей солдата»-йы волонтерты хыгъды ис йæ чындзы руаджы. Уый базонгæ æхсæнады активисткæимæ, æмæ куы базыдта, арæхстджын бархионтæ сæ хъæуы, уæд уайтагъд ахъуыды кодта йе фсиныл. Нина у æрмдæсны. Йæ хæдзар аивгонд у, йæхæдæг цы нывтæ скодта, уыдонæй. Раздæр уыд экономист, ныр та волонтер, æмæ уымæй сæрыстыр у.
Ахæм сылгоймæгты фæрцы, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи ис, уыцы хæстонтæ æнкъарынц аудындзинад. Иу сæ кæны æххуыс кæныны æмæ пайда хæссыны фæндон. Алчидæр сæ у фæсивæдæн, волонтерты рæнхъытæм бацæуын æрæгмæ кæй никуы у, уый дæнцæг. Ацы ныфсхаст сылгоймæгтимæ зонгæ кæнынц адæмон фронты минæвæрттæ. Æхсæнадон архайджытæ сæрмагонд операцийы зонæмæ цы гуманитарон æххуыс арвитынц, уым алы хатт дæр вæййы æхсæнад «Согрей солдата»-йы волонтерты æххуысы хай.
Ацы сылгоймæгтæ æцæгдæр сты хъæбатыртæ. Сты цавæрфæнды хæрзиуджыты аккаг, фæлæ сæм не нхъæлмæ кæсынц. Сæ хъуыдытæ æдзух баст сты хæстонтимæ. Æппæтæй сæйрагдæр сын у, се ххуысмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдоны зæрдæхудты ма бацæуын.




