филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:17 воскресенье, 14 декабря 2025
09 декабря 2025, 13:41
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

Зынгсирвæзтытæй тæссаг сезон нæ регионы æхгæд æрцыд 1-æм декабры

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Оперативон уавæры тыххæй радзырдта хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Зынгсирвæзтытæй тæссаг сезон нæ регионы æхгæд æрцыд 1-æм декабры. Ивгъуыд къуыримæ скуынæг кодтой 7 зынгсирвæзты. Аварион службæтæ куыстой, куыд æмбæлы, афтæ. Республикæйы фæндæгтыл бахыгътой 86 транспортон фыдбылызы. Уæзласæн машинæтæ уадзæн пункт Уæллаг Ларсы уылты цæуынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Хъармгæнæн сезон дæр цæуы бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Республикæйы цæрджытæ донæй æххæст сты, куыд æмбæлы, афтæ. Хъæбæр коммуналон хауæддзæгтимæ куыст кæнынц сæрмагонд техникæйы 90 машинæйы. Профилон министр ма фехъусын кодта, республикæйы Сæргълæууæджы комкоммæ линийы фæстæ цы амынддзинæдтæ радтой, уыдон ныртæккæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Санитарон-эпидемиологон уавæры тыххæй радзырдта фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы разамонæг Тыбылты Алан. Цæгат Ирыстоны территорийы хыгъд цæуынц гриппæй рынчынтæ. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ та фехъусын кодта, абоны онг карантины кæй сæхгæдтой иу скъола æмæ 13 къласы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania