филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:19 пятница, 12 декабря 2025
12 декабря 2025, 11:37
Алагиры 4-æм скъолайы байгом кодтой «Хъæбатыры номарæн партæ»

Афтæмæй мысынц, се скъолайы рауагъдонтæй Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи фæмард, уыдоны. Зæнджиаты Вячеслав, Тлатты Зауыр æмæ Агънаты Давид

Алагиры 4-æм скъолайы байгом кодтой «Хъæбатыры номарæн партæ». Афтæмæй мысынц, се скъолайы рауагъдонтæй Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи фæмард, уыдоны. Зæнджиаты Вячеслав, Тлатты Зауыр æмæ Агънаты Давид. Хъыгагæн, баззадысты тохы быдыры. Скъоладзаутæ, педагогтæ, æдзард хæстонты хиуæттæ æмæ хæстæджытæ сын сæ нæмттæ æрымысыдысты, минут æдзæмæй алæугæйæ. Ахуырдзаутæ радзырдтой æфсæддонты сгуыхтдзинæдты тыххæй. Кæд сын бирæ нæ бантыст, уæддæр ныууагътой ирд фæд. Сæхи равдыстой æцæг хъæбатыртæй. Номарæн мадзал саразыныл бакуыста парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад. Архайдтой дзы Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг Демыраты Вячеслав, стæй районы ветеранты Советы сæрдар Икъоты Руслан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania